Цӕгат Ирыстоны фӕкарздæр кодтой цӕстдард газы хӕтӕлтæм ӕнӕзакъон баиу кæныны фæдыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

3 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

3 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

3 дня назад

Цӕгат Ирыстоны фӕкарздæр кодтой цӕстдард газы хӕтӕлтæм ӕнӕзакъон баиу кæныны фæдыл. "Газпром межрегионгаз Владикавказ"-ы специалисттӕ рейдтӕ аразынц, газы хызтӕм хивӕндӕй хæтæлтæ чи бафтауы, уый сбæрæг кæныны тыххæй. Ацы азы райдианӕй ӕппӕты фылдӕр фæткхæлдтытæ регистрацигонд ӕрцыдысты Горӕтгӕрон ӕмӕ Рахизфарсы районты хивӕндӕй баиу тас у газы срæмыгъдæй кæнæ зынгсирвӕзтæй. Уыимӕ тӕссаг уавӕры сты æрмæст фæткхалджытæ нæ, фӕлӕ, сӕ алыварс чи ис, уыдон дӕр. Уавӕрмæ регионы сӕргълӕууӕг здахы уæлдай æргом. Аппаратон ӕмбырды Сергей Меняйло газы службæйы кусджытæн бахӕс кодта пъӕлицӕимӕ иумӕ хæдзарæй-хæдзармæ зилын. Уӕлӕмхасӕн басгӕрстытӕ арӕзт сты фыдбылыз ма 'радзыны ӕмӕ цӕрджыты ӕдасдзинад бахъахъхъӕнынмӕ. Газпром межрегионгаз Владикавказ"-ы зӕрдыл лæууын кӕнынц: хивӕндӕй баиу кӕнын домы административон бӕрнондзинад, закъон ногӕй фехалын та — уголовон. "Газ цӕуы сӕрмагондӕй коммуникацитыл, доныл, ӕнцондӕр ын кӕм у цӕуын, афтæ. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у хӕдзары ныккӕнд газæй байдзаг кæнын, йӕ фарсмӕ, хӕдзармӕ хӕстӕг, уыцы ' рдӕм куы цӕуа, уӕд. Ныккӕнд ссудзын ӕмӕ срӕмудзын. Кӕрӕй-кӕронмӕ хæтæлтæ базгæ вæййынц, газ сæмбырд вæййы", — Вячеслав Короев, начальник службы наружных газопроводов «Газпром газораспределение Владикавказ»

Название:

Цӕгат Ирыстоны фӕкарздæр кодтой цӕстдард газы хӕтӕлтæм ӕнӕзакъон баиу кæныны фæдыл

Категория:

Новости и СМИ