Кировы районы Змейкæйы станицæйы амайынц культурæйы ног хæдзар æмæ скъола
Кировы районы Змейкæйы станицæйы амайынц культурæйы ног хæдзар æмæ скъола. Куыстытæ цæуынц программæ "Хъæууон территориты комплексон райрæзт"-ы фæлгæты. Уый уыдзæн иууæладзыгон бæстыхай, йæ фæзуат 2 мин 300 квадратон метры. Дарддæр аразынц ног скъола дæр. Æртæуæладзыгон бæстыхайы бынат уыдзæн 360 ахуыргæнинагæн. Ныридæгæн цæттæ сты дыууæ хайы бындуртæ, аразджытæ райдыдтой амайын. Куыстытæ фæуын фæнд кæнынц 2027-æм азы кæронмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз программæйы фæлгæты Елхоты байгом Культурæйы райрæзты ног центр, Цыколайы та амайынц сывæлæтты рæвдауæндон.
Название:
Кировы районы Змейкæйы станицæйы амайынц культурæйы ног хæдзар æмæ скъола
Категория:
Новости и СМИ