Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы ветеран Руслан Курбанов байгом кодта йӕхи бизнес
Руслан Курбанов сабыр цардмӕ здӕхын райдыдта йӕ рагон бӕллицӕй — байгом кодта йӕхи хъуыддаг. Зокъотæм цымыдисдзинад æм суанг чысылæй фæзынд. Йæ нанайы дидинæгдæтты дæр-иу сæ æрзайын кодта. Ныр азтæ рацыд æмæ раздæхт ацы хъуыддагмæ — сӕрмагонд æфсæддон операцийы фӕстӕ. Афӕдзы бӕрц службӕ кодта «Барс»-ы. Сӕтты, сабыр цардыл сахуыр уӕвын ӕнцон кӕй нӕ разынд, ууыл. «Ӕвӕццӕгӕн, сабыр цардмæ раздæхын ӕппӕтӕй зындӕр уыд эмоционалон ӕгъдауӕй, уымӕн ӕмӕ фронты цард ӕндӕр хуызы цӕуы. Бафӕндыд мӕ исты хъуыддаг бакӕнын, ӕхсӕнадӕн ӕмӕ республикӕйӕн пайда хӕссын. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, чысылӕй фӕстӕмӕ цы зонын, уый. Райдыдтон агурын бизнес байгом кӕныны мадзӕлттӕ: баздӕхтæн куыстифтонгады центрмӕ, „Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты“ фондмæ, амалхъомады центрмæ. Æмæ мын райдыдтой къӕпхӕнгай ӕххуыс кӕнын», - Руслан Курбанов сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран. Уыдоны ӕххуысӕй Руслан ацыд курсытӕ, райста финансон ӕххуыс ӕмӕ байгом кодта хӕдзарад. Ныртӕккӕ йӕм ис 400 сӕрмагонд блокы, зайы сæ зокъотӕ. Арæзт сты æхсынæны цъары бындурыл. Алы блокмӕ дӕр хъӕуы иугӕндзон зылд: ахсджиаг у уӕлдӕфы температурӕ æмæ уымӕлад. «Цы у блокмӕ раст зылд? Уый у хъӕугӕ температурӕ ӕмӕ уымӕлад бахъахъхъӕнын, стӕй сыгъдӕг уӕлдӕфы иугӕндзон гуылфӕн ӕвзалытуаг газ аиуварс кӕнынӕн. Раст зылд куы цӕуа, уӕд блок тыллӕг дӕтдзӕн мӕй ӕмӕ ӕрдӕг. Хӕдзары уавӕрты та, зӕгъӕм, балкъоны, иу мӕйы бӕрц бакусдзӕн», - Руслан Курбанов сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран. Русланы хӕдзарады зайы цалдӕр хуызы зокъотӕ. Нырма куыстады сӕйраг хай ахсынц вешенкæтæ. Амалхъом сӕ хуымӕтӕджы нӕ равзӕрста: ис сын витамин Б ӕмӕ бӕззынц диетикон хӕлцадӕн. Фӕлӕ фермӕйы ис стӕм, экзотикон мыггӕгтӕ дӕр, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр ис йӕхи пайдайаг миниуджытӕ. «Шиитаки хонынц паддзæхты зокъо, ис дзы тынг бирӕ витаминтӕ. Стæм сты, дуканиты сыл арæх нæ сæмбæлдзынæ. Ежовик кæнæ львинная грива дӕр диссаджы зокъотæ сты. Хорзырдӕм ахадынц адӕймаджы нейронтæйыл», - Руслан Курбанов сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран. Къухы цы бафтыд, ууыл амалхъом ӕрлӕууынмӕ нӕ хъавы. Фидӕны йӕ фӕнды хӕдзарадæй контактон фермӕ саразын. Уазджытæн сӕ бон уыдзӕн ӕрбацӕуын ӕмӕ зокъотӕ ӕмбырд кӕнын. «Мӕн фӕнды, цӕмӕй кӕйфӕнды бон дӕр уа фермӕмӕ ӕрбацӕуын ӕмӕ зокъотӕ ӕрӕмбырд кӕнын. Куы сӕ бафӕнда, уӕд сæ уайтагъд хæринаг сараздзысты, кӕнӕ сæ семæ ахæсдзысты. Хӕстӕгдӕр фермӕ ахӕм форматимӕ ис Мӕскуыйы», - Руслан Курбанов сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран. Фӕлӕ хъуыддаг байгом кӕнынӕн æрмæст фӕндон фаг нӕу. Сæрмагонд операцийы архайджытӕн ӕххуыс у кадрты центры куысты хицӕн къабаз. Сабыр цардмӕ чи раздӕхы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынц куыст ссарынӕн, кӕнӕ та сӕхи бизнес байгом кӕнынӕн. «2025-æм азы декабрӕй 2026-æм азы маймӕ сæрмагонд субсидитӕ райстой 14 адӕймаджы. Фӕрӕзтӕ сын фадат радтой сӕ проекттӕ ӕнтыстджынӕй райдайынæн ӕмӕ райрӕзын кӕнынӕн: лӕггӕдты, уазӕгуаты, хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты», - Карсанаты Тамарæ РЦИ-Аланийы кадрон центры хайады разамонæг. Цалдæр зокъойæ цы гыццыл лæппуйы монц райдыдта, уый сси стыр бизнес-проект. Тагъд скусдзӕн, ӕлхӕнджытӕн сӕ бон ассортимент фенын æмæ зокъотæ балхæнын кæм суыдзæн, ахæм сайт дæр. Контактон фермӕ саразыны хъуыды та Руслан фæнд кæны зæгъын сӕргълӕууӕгæн. Йӕ зӕрдӕ дары, фӕстӕдӕр йӕ хӕдзарад кӕй суыдзӕн, зокъоты дуне кӕм æргом кӕна, ахӕм бынат.
Название:
Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы ветеран Руслан Курбанов байгом кодта йӕхи бизнес
Категория:
Новости и СМИ