Беслӕны уыд сӕргълӕууӕджы кубокы республикон къӕпхӕн скъолайы агъоммӕйы кусӕндӕтты 'хсӕн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

2 дня назад

Фыццаг секундӕй — карз ныхмӕлӕуд. Фӕзыл — Хуымӕллӕгӕй «Барстӕ», Зилгӕйы иугонд командӕ, Елхотӕй «Чысыл чемпионтӕ» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хӕслӕвӕрд фыццаг бакастӕй у хуымӕтӕг — конусмӕ азгъорын, фӕстӕмӕ раздӕхын ӕмӕ эстафетӕ раттын. Фӕлӕ архайджытӕ афтӕ удуӕлдайӕ ерыс кӕнынц, цыма олимпаг сызгъӕриныл хъазынц. Нырма уал сӕрӕндӕр сты хуымӕллӕггӕгтӕ. Хуыгаты Руслан нӕ сусӕг кӕны, ӕрмӕст уӕлахизы сӕраппонд кӕй ӕрцыд ардӕм. «Згъорын, гӕппытӕ кӕнын, эстафетӕ дӕттын, тох кӕнын. Мӕ къух мӕнӕ афтӕ раттын ме 'мбалмӕ ӕмӕ тагъд азгъорын». Рӕвдауӕндӕтты сывӕллӕттимӕ згъорынц тренертӕ ӕмӕ ныййарджытӕ. Людмила Багдасарова бинонты ерысты архайы ныр афӕдз. Трибунӕты бадыны бӕсты сфӕнд кодта командӕйы фарсмӕ уӕвын. Стӕй дугъ дӕр ӕнӕниздзинадӕн пайда у. Кӕд «Барстыл» афӕдз йеддӕмӕ нӕма цӕуы, уӕддӕр ныридӕгӕн рамбылдтой муниципалон сызгъӕрин. Беслӕны спорткомплексы фембӕлдысты 10 тыхджындӕр командӕйы Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт районтӕй. Ацы ерысты архайыны бар сӕм ӕрхауд 200 къорды 'хсӕн. Разӕй ма — 5 фӕлварӕны тагъдад, арӕхстдзинад ӕмӕ ӕнгомдзинадыл. «Ерыстӕ сты республикӕйы сӕргълӕууӕджы хъӕппӕрис — рӕвдауӕндӕтты ӕхсӕн кубок саразын. Сӕйраг нысан — сывӕллӕтты физкультурæ ӕмӕ спортыл ахуыр кӕнын». Уӕлахиздзаутӕ сӕхимӕ аласдзысты сӕйраг лӕвар — кубок. Призертӕм ӕрхаудзӕн майдантӕ ӕмӕ грамотӕтӕ. Фӕлӕ ӕнӕ лӕвӕрттӕй ничи ацӕудзӕн. Турнир ныридӕгӕн республикӕйӕн сси хорз традици. Азӕй-азмӕ иу кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр ӕвзонг спортсменты.

Название:

Беслӕны уыд сӕргълӕууӕджы кубокы республикон къӕпхӕн скъолайы агъоммӕйы кусӕндӕтты 'хсӕн

Категория:

Новости и СМИ